Ирон æвзаджы урок 4-æм къласы. Темæ: Номдарты нымæц.

Автор публикации:

Дата публикации:

Краткое описание: ...


4-ӕм кълас.

«Номдарты нымæц»


[pic]


Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг

Дзулаты Индирæ.





















Темæ.Номдарты нымæц.



Урочы нысан. Номдарты нымæцы тыххæй скъоладзауты зонындзинæдтæ фæфылдæр кæнын. Хъомыладон куыст бакæнын. Ныхасы рæзтыл бакусын.


Цæстуынгæ æрмæг.Слайдтæ.Интерактивон фӕйнӕг.


Урочы цыд.


1.Организацион хай.

1.Слайд


2. Темæ зæгъын. Абон нæм уыдзæнис, сывæллæттæ, урок – балц. Мах ацæудзыстæм уазæгуаты НОМДАРМÆ. Нæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм цы зонæм номдары тыххæй. Сæххæст кæндзыстæм алыхуызон фæлтæрæнтæ,спайда сæ кæндзыстæм номдартæй иууон æмæ бирæон нымæцты.


2 Слайд

3.Номдар сфæлхат кæнын

Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм номдар.

Фæрстытæн дзуаппытæ раттын.


-Цавæр ныхасы хай у номдар?

(Номдар у сæрмагонд ныхасы хай)


-Цы амоны номдар?

(Предмет цы ныхасы хай нысан кæны , уый хуыйны номдар)

-Цавæр фарстытæн домы дзуапп?

(Чи?Цы?)

-Цавæр грамматикон æууæлæ ма зонут номдары тыххæй?

(Номдартæ вæййынц сæрмагонд æмæ иумиаг, вæййыц хуымæтæг æмæ вазыгджын, иууон нымæцы æмæ бирæон нымæцы.)


-Куыд ивы номдар?

(Номдар ивы кæрæттæм гæсгæ)


-Куыд хуыйны грамматикæйы кæрæттæм гæсгæ номдарты ивынад?

(Кæрæттæм гæсгæ ивынад хуыйны тасындзæг)


-Хъуыдыйады мидæг та цавæр уæнг вæййы?

( Хъуыдыйады мидæг арæхдæр вæййы сæйрат кæнæ æххæстгæнæн)



3. Слайд

4. Сыгъдæг фыссыны минут.

Ныффыссут æмдзæвгæ аив.


5. Нывмæ гæсгæ ныффыссут номдартæ.

4. Слайд

Цавæр дзырдæ сфыстат?

(Теуа, уырытæ, сырддонцъиутæ, бирæгъ)


5. Слайд


Цалгай предметтæ амонынц ацы нывтæ?

Сбæрæг сæ кæнæм.


6. Слайд

Куыд зæгъдзыстæм бирæон нымæцы ацы цæрæгойты?

Сбæрæг сæ кæнæм.

6.Ныффыссут сæ уæ тетрæдты.


7. Слайд


7.Уæдæ, иу предмет равдисыны тыххæй номдар загъд æрцæуы ….? (иууон нымæцы)


Уæдæ, дыууæ кæнæ цалдæр предмет равдисыны тыххæй номдар загъд æрцæуы ….? (бирæон нымæцы).


8.Слайд.


8.Тексты хинымæр каст.

9.Тексты хъæрæй каст.

Кæцы нымæцы сты æвæрд сырхæй фыст дзырдтæ?

(Скъоладзаутæ дзуапп кæнынц)

Рафыссут сæ уæ тетрæдтæм.

Сæ быны цы дзырдтæн ис хахх , уыдон цавæр иу дзырдæй ис схонæн?

(Мæргътæ)

Цавæр мæргътæ сты?

(Хæдзарон мæргътæ)

Сывæллæттæ, сымах текст бакастыстут, зæгъут –ма мын, цæуыл цæуы дзырд тексты, сæйраг архайæг кæцы у?

(Рувас)

Зæгъут рувас цавæр цæрæгой у?

Цавæр хъæддаг цæрæгойтæма зонут?

(Бирæгъ,арс, ….)

Цæмæ сæ хонæм хъæддаг цæрæгойтæ?

(Уымæн æмæ цæрынц хъæды.)

Цы зонут рувасы тыххæй ?

(Рувас у хъæддаг сырд, тынг рæсугъд, хинæйдзаг,бурбурид, даргъкъæдзилджын)

Рувас кæдæм æрхæццæ?

(Хъæумæ)

Цæм йæ ныфс бахаста хъæумæ рувас?

(Уыди , æвæццæгæн, тынг стонг æмæ йæхи нæ баурæдта , нал дæр куыйтæй фтарсти , нал дæр адæмæй æмæ радавта иууыл нарддæр гогыз).

Зæгъут ма мын, сывæллæттæ, давын хорз у?

Сымахæй дæр исчи давы?

Давын рагæй фæстæмæ у тынг худинаг. Исты дæ куы хъæуа , уæд æй хъуамæ ракурай дæу куы нæ уа , уæд.

Иуæй –иу фæсарæйнаг бæстæты къæрныхæн ралыг кæнынц йæ цонг .Æмæ йæ адæм иууылдæр фæзонынц , æнæуаг ми кæй бакодта, уый.Уымæ гæсгæ уыцы бæстæты нæй къæрныхтæ.


9.Слайд.

Физминукæ


10. Слайд.

Фæлтæрæн. Зæгъут ацы дзырдтæ куыд зæгъдзыстæм бирæон нымæцы?

худ

бæлас –

хох -

дæндаг –

рувас -

гал -


11.Слайд.

Ныр та саразут гимнастикæ нæ цæстытæн .Нывмæ фæстæ ракæс –бакæс кæнут.


12 Слайд.

Хъуыдыйæдты синтаксисон æвзæрст.



13. Слайд.

Фæлтæрæнтæ æххæст цæцынц чиныгæй.


14.Слайд.

Нывтæм гæсгæ ныффыссут дзырдтæ дыууæ цæджыдзæй:

Фыццаг цæджындзы- иууон нымæцы номдартæ;

Дыккаг цæджындзы –бирæон нымæцы номдартæ



15.Слайд.

Хатдзæг скæнын.


16.Слайд.

Х.К.

Цы дзырдтæ ныффыстат , уыдонимæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйæдтæ .


5